Get Mystery Box with random crypto!

Бон дæр нæ рацыд цæмæй дæ ма уарзон æз; нæ рацыд иу æхсæв дæр | Тугэмы хъуыдытӕ

Бон дæр нæ рацыд цæмæй дæ ма уарзон æз; нæ рацыд иу æхсæв дæр цæмæй дыл мæ хъуыдыты ма атыхсон æз, нæ уыд цæмæй цай цымгæйæ нæ ралгъыстон кад æмæ цытуарзындзинад, кæдон мæ дарынц дард мæ "зæрдæйæ". Мæ дзыхмæ цайы мур нæ бахауы, цæмæй ма ралгъитон мæ хъалдзинад æмæ сæрыстырдзинад, кæдон мын бар нæ дæттынц дæумæ æрбаввахс уын, мæ уды хай. Мæ слубæй тæккæ тæмæны, æфæдты сæр лæугæйæ кæнæ æрлæууæн бынæттæ уынгæйæ, æнкъарын мæ зæрдæйы æрмæст мæ уарзон Жозефина кæй ис. Мæ зонд фæцыд, мæ хъуыдыты дæ æрмæст ды.
Кæд дæ дард кæнын Ронæйы тагъдадæй, уæд уый нысан кæны æрмæстдæр уый тагъд рæстæджы дæ кæй фендзынæн. Æхсæвыгон кæд сыстын цæмæй исты бакусон, уæд уый уымæн æмæ нæ фембæлды рæстæг фæтагъддæр кæнон, мæ хуры хай. Фæлæ 23-æм æмæ 26-æм бонты фыстæгты, ды мæм сидыс ныхас «Вы»-йæ. Дæхæдæг дæ «Вы»! Эхх, æнамонд, дæ къух та куыд систай ахæм фыстæг ныффыссынмæ! Куыд уазалæй йæ ныффыстай!
Стей 23-æй 26-æмæ рацыд цыппар боны! Цы куыстай уыййас рæстæг æмæ цæуыннæ фыстай дæ лæгмæ?... Эхх, мæ царды æмбал, уыцы «ВЫ» æмæ уыцы цыппар боны тыххæй фæсмон кæнын уазалæнгæс дæм кмй уыдтæн! Мæгуыр йæ бон, аххосджын дзы чи у! Зындоны хъизммæрдтæ – ницы! Калмхуыз сылгоймæгтæ – ницы! «ВЫ»! «ВЫ»! Эхх, цы уыдзæн къуыри, дыууæ къуырийы фæстæ? Хæрзбон, мæ къай, мæ рыст, мæ цин, мæ ныфс æмæ мæ уды хай, уарзын дæ æмæ дæ тæрсын, мæ зæрдæйы мын райгуырын кæныс фæлмæн æнкъарæнтæ, æрдз æмбарынмæ мæ кæдон æппарынц, æмæ райгуырын кæныс тымыгъджын, цыма арвнæрын хуызæн тырнындзинæдтæ. Цы бон зæгъай: «Æз дæ нал уарзын», - уыдзæн кæнæ мæ уарзондзинады фæстаг бон кæнæ мæ царды фæстаг бон. Зæгъгæ зæрдæ уыд афтæ алгъаг, æмæ уарзта æнæ æмзæрдиагдзинадæй, уæд бадзырд радтаин цæмæй йæ ратоной мæнæй.
Жозефина! Жозефина! Хъуыды ма кæныс цы ныхæстæ дын загътон кæдæр: æрдз мын балæвар кодта тых æмæ æнæфенкъуысгæ уд, дæу та сарызта хызгæндтæй æмæ уæлдæфæй. Хæрзбон! Эхх, кæд мæ нал уарзын, уæд мæ никуы дæр уарзтай! Æмæ мын уыдзæн цæуыл æнкъард кæнон!
БОНАПАРТ
1796